Стыр æмæ кадджын бæрæгбон радон хатт уыд Джызæлы - Галзилæн. Æрвылаз вæййы августы æртыккаг хуыцаубоны. Бæрæг ма йæ кæнынц Дæргъæвсы дæр. Бæрæгбонæн ис ахадгæ мидис. Ирыстоны стырдæр хъæутæй иуы цæрджытæ йæм сæхи бæстонæй бацæттæ кæнынц. Æртыгай чъиритæ æмæ мысайнагимæ сæмбæлынц Джызæлы цы рыны бардуаджы кувæндон ис, уым.
⠀
Ахæм кадджын бæрæгбонмæ Джызæлы цæрджытæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой сæумæрайсомæй. Галзилæн - хъæуæн у ахсджиаг æмæ, стыр аргъ кæмæн кæнынц, ахæм бон. Ацы аз фысымы хал схауд Отараты фæрныг хæдзарæн.
⠀
Хъæуы хистæрты ныхæстæм гæсгæ, ацы бæрæгбонмæ адæм сæхи бæстонæй фæцæттæ кæнынц. Куыд æмбæлы афтæ, алы хæдзары æфсин дæр скæны уæлибæхтæ, стæй фынг бацæттæ кæны. Чысыл фæстæдæр, нывонд гал уынгты куы ракæнынц, уæд сæ цæхх æмæ кæрдзын рахæссынц дуармæ. Цæмæй алчидæр йæ бинонты дзуарыл бафæдзæхса. Сæрмагондæй та - сывæллæтты.
⠀
Хъæуы уынгты цы гал ракæнынц, уый цавæрдæр рæстæг вæййы фысымты хæдзары. Галзилæны бон ыл бабæттынц лентæтæ. Кусæрттаг кувæндонмæ куы бахæццæ кæнынц, уæд та йæ бæласы алыварс æртæ хатты æрзилын кæнынц, уый фæстæ æртæ уæлибæхы скувынц.
⠀
Историон цаутæ адæмы царды стыр бынат ахсынц. Джызæлы Рыны бардуаджы кувæндоны хабар дæр афтæ. Бирæ рæстæг адæм тох кодтой æнахуыр низыл. Йæ фæстиуджытæ, хъыгагæн, æрхастой бирæ зиантæ. Иу æмæ дыууæ сабийы удтæ нæ ахастой.
⠀
Ацы бæрæгбон æрæмбырд кодта тынг бирæ адæм. Алы рæттæй йæм æрбагуылф кодтой кувæндонмæ. Канд Джызæлы цæрджытæ нæ, фæлæ гæнæн кæмæн уыд, уыдонæй алчидæр радта мысайнаг. Алы сабийы дæр дзуарыл бафæдзæстой. Хъæуы цæрджытæ бæрæгбон барæссугъд кодтой концертон программæйæ дæр.
⠀
#irystontv #Осетия #Алания #Владикавказ #ОсетияИрыстон #НовостиОсетии #ОбществоОсетии #итв_общество #Ossetia #Alania #галзилæн #Джызæл #Гизель
https://iryston.tv/ir/styr-baeraegbon-radon-hatt-uyd-dzhyzaely-galzilaen/