(Дигоргоми топонимтæ)
Мæхческæ. Айгомуги дони галеу билгæрон гъæу. В. Ф. Миллер еци ном бæттуй аланти рагон сæйраг горæт Магаси хæццæ (Мегали, Магаг). «Мохагла» – ном къартитæбæл нæбал нисан кæнунцæ, фал, æнгъæлдæн, Иристони ба ма ес уæхæн номи хæццæ гъæу». К. Ф. Ган ба дзурд – Мæхческæ нимауй, – «Мах кизгæ»-бæл. Махмæ е кæсуй рæдуд гъуди.
Мæцутæ. Дигоргоми фæндаг дууердæмæ кæми фæссагелæ уй, еци фæзæ. Нигулæнæрдæмæ фæндаг рахуæцуй Стур-Дигорæ ’рдæмæ, Хонсарæрдæмæ ба Мæхческæ æма Уæллагкоммæ. Мæцутæ кæддæр адтæй, Тъæпæн Дигори æхсæнади æмбурдгæнæн нихæс æма уæлмæрдтæ. 1930-аг æнзти уæнгæ ами дессаги уобæйттæ æма циртуæттæ адтæй. Тауæрæхъмæ гæсгæ ма, сауæнгæ Нарти Сослани уобай дæр Мæцути æй. К. Ф. Гани гъудимæ гæсгæ – Мæцутæ – амонуй æмбурдгæнæн, фембæлæн рауæн. Махмæ е раст гъуди нæ кæсуй. Ардæмæ хæстæгдæр лæуд æй – «Ма цотæ». Фал ма ес æндæр хузи гъуди дæр. «Сванти» æвзаги ес уæхæн дзурдтæ: «Муцъве, манцъува» – фицгæ дон. Аци æрдæгсакъадахи ба баеу унцæ дууæ финкæдони: «Айгомуги æма Стур-Дигори дæнттæ æма си рауайуй Ирæф. Æвæдзи – «муцъве æма Мацъува»-æй равзурстæй дзурд – Мæцутæ – дæр.
Москæ. Устур-Дигори зилди хорварсæрдæмæ гæсгæ кæронгкагдæр гъæу. Ном – Моски – радех кæнун æмбалуй уедагæ – Мос. Гæнæн ес, æма хæсса хецæн адæймаги ном дæр. Адтæй дууæ эргастериархи: Сотериха æма Мосха.
Нарæ. Ирæфи рахезварсæрдиги гъæуи ном. Хауй Задæлески гъæусоветмæ. Дех кæнуй дууæ хаййебæл: ацирдæггаг – Сæбанти Нарæ æма æндаг – Хъамболти Нарæ.
Нæлизæд. Гæлиат æма Фæснæли æхсæн ковæндонæ.
Нæуæггъæу. Хауй Гулæри гъæусоветмæ. Æвæрд æй Къæрæугомидони галеу билгæрон.
Никкола. Фæснæлмæ хæстæг рагон ковæндони ихæл-дзæнтæ. Уæхæн ковæндонæ ма ес Лезгори сæрмæ лæгæти дæр.
Охъазтæ. Фæснæли сæрмæ Охъазти муггаги гъæууат.
Реком. Гулæри сæрмæ еунæг кувддонæ бæласæ.
Рутхæ. Къумбултæмæ хæстæг рагон циртуат. Монгойлагау (Урт-Уха), даргъ, дæргъеццон рагъ. Æма æцæгæйдæр бунат æй уой хузæн.
Сагихитæ. Стур-Дигори дони рахез фарсæй хæдзаруæтти ихæлдзæнтæ. Ами цардæнцæ Гобетæ, фал сæ хонгæ ба кодтонцæ сæ муггаги хестæри номмæ гæсгæ – Сагихитæй.
Седанти мæсуг. Задæлескæй хорискæсæнæрдæмæ мæсуг æма федæртти ихæлдзæнтæ бæрзонд къæдзæхбæл.
Сæгти уæзæг. Дзинагъай фалдзостæ кувддонæ туппур гъæди.
Присоединяйтесь к ОК, чтобы подписаться на группу и комментировать публикации.
Нет комментариев