Предыдущая публикация
КЪОСТАЙÆН
Адтæй дæ догæ сау, мæйдар,
Дæ цард – зиндонæ ’ма æнкъард,
Уæддæр сæребарæбæл дæ зар
Гъæрæй ку райгъустæй идард!
Адтæй æлдар дæ рун, де ’знаг,
Косæг, мæгур лæг – дæ хæлар.
Кæнгæй рæсугъд цардмæ фæндаг,
Адтæ мæгуртæн цирагъдар.
Уарзтай седзæрти дæ уодау,
Ристæй дæ зæрдæ сæ зинæй;
Уонæн с’ амондбæл, тугъдонау,
Цудтæ карз тохмæ нифсгинæй.
Ирдтай алкæддæр фуд, æфхуард,
Уæддæр адтæ ду сæрбæрзонд:
«Рæхги фесæфдзæнæй зин цард,
Адæн райсдзæнæнцæ амонд», –
Адтæй дæ дзурд. Æма, æцæг,
Иссан абони нæ фæндон;
Æнцæ седзæртæ игъæлдзæг,
Иссæй Хъубади колхозон.
Къоста, абони дæр махæн
Цæрис нæ хæццæ æгасау...
Æз дæр м’ адæнæн, мæ бæстæн
Ме ’хæс ку радтинæ дæуау!
Присоединяйтесь к ОК, чтобы подписаться на группу и комментировать публикации.
Нет комментариев